Дзанайты Барисы разамындæй уыд РЦИ-Аланийы хицауады æмбырд
Ныр социалон лæггæдтæй пайда кæныны бар уыдзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æппæт бинонтæн дæр. Проектимæ сразы сты хицауады уæнгтæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, раздæр ацы фæрæзæй пайда кæнын бар уыд æрмæст мобилизацигонд чи æрцыд, кæнæ та чи фæмард, уыдоны бинонтæн. Программæ аххæсдзæн 60 мин адæймагæй фылдæрыл, æхцайы фæрæзтæ та иумæйагæй сты иу æмæ æрдæг миллиард сомы. Ныхас ма цыд сæрмагонд æфсæддон операциийы ветеранты хыгъдæй фермерты тыххæй. Хъæууон хæдзарады министрады æххуысæй, грант "Агромотиватор"-ы руаджы сын бар ис стурвос æмæ мыддарыны рæзты гæнæнтæй пайда кæнын. æхсæз сæдæ нудæс милуан сомы рахай кæндзысты коммуналон инфраструктурæйы фондз объектæн æмæ сæдæ дыууын бынатимæ сывæллæтты рæвдауæндоны рацарæзтæн. Хицауады уæнгтæ ма дыууæ мин дыууын æхсæзæм азæн снысан кодтой бюджет. Хицауады уæнгтæ ма снысан кодтой сæйраг сахары культурон нысаниуæгимæ объектты хъахъхъæнæн зонæтæ. Ныхас цыд Сунниттаг мæзджыты æмæ Дзæуджыхъæуы фидарыл дæр. Уымæй уæлдай ма иумæйаг хъахъхъæнæн зонæйæ снысан кодтой Хетæгкаты Къостайы ингæн, Хетæгкаты Къостайы номыл скъола æмæ Ирон аргъуан. Хъуыддаг афтæ у æмæ Дзæуджыхъæуы ныртæккæ ис мин фараст сæдæ æстай авдæм азы фæдзæхстадон зонæ снысан кодтой, уый. Закъонæвæрд фæивта, фæзынди ног домæнтæ, уый фæдыл, мах дæр, федералон закъонмæ гæсгæ, хъахъхъæнæн зонæтæм домæнтæ фæивтам. Æппæты сæйрагдæр та уый у, æмæ абон снысан кодтой хæхты чи ис, уыцы культурон нысаниуæгимæ объекты хъахъхъæнæн зонæтæ.