Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæн та сарæзтой цымыдисаг ахуыртæ гом арвы бын
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæн та сарæзтой цымыдисаг ахуыртæ гом арвы бын. Сæ ахуыргæнджытæ сæ æрзилын кодтой Дзæуджыхъæуы зындгонддæр бынæттыл экскурсиимæ. Чысыл балц райдыдта университетæй. Студентты базонгæ кодтой горæты истори æмæ архитектурæимæ. Уæлдай æргом аздæхтой æрдзы экосистемæ æмæ Терчы тæрфы культурон ландшафттæм. Ацы мадзал арæзт цæуы ныр цыппæрæм аз уырыссаг географион æхсæнад "Неурок"-ы проектмæ гæсгæ. Специалистты ныхæстæм гæсгæ йын ныридæгæн ис хорз хатдзæгтæ. Ахæм хуызы фæсивæд хуыздæр бамбарынц ног информаци.