Алагиры авиамоделистты къорд бацахста æртыккаг бынат æппæтуæрæсеон ерысты
Хестанты Астаны авиамоделированимæ æрбакодта йæ мад. Иуахæмы лæппу планертæ куыд уадзынц, уый куы федта, уæдæй йе стырдæр бæллиц сси ацы хъуыддаджы хи бафæлварын. Йæ фыццаг хæдтæхæг арвмæ суагъта æртæ азы размæ, ныртæккæ та Уæрæсейы иугонд къорды цæттæ кæны скæсæны Кубокмæ. Ахсджиаг турнирмæ бахауыны размæ Астан бирæ фæлварæнты сæрты ахызт, уæлдайдæр та æрæджы бæстæйы чемпионаты Нарткалайы. 10 боны ерыстæ Уæрæсейы алы бынæттæй архайджытимæ. Куыд фæстиуæг - 3-аг бынат. Цехъоты Мурат та авиамоделированимæ æрбацыд йæ фыдмæ гæсгæ. 10 аздзыдæй сси Уæрæсейы кубокы призер. Ташкенты ерыстæм йæхи разæнгардæй цæттæ кæны. Æвзонг лæппу сахатгай фæамоны хæдтæхæджы хæйттæ хуыздæр цавæр æрмæгæй скæнæн ис, уый. Авиамоделированийы спорты хуызæн æмбал нæй. Бахастой йæм хæдтæхджыты 50 хуызы. Уыдонæн ис сæхи фæтк. F1P-йы спортсментæ туры рæстæг хъуамæ хæдтæхæг авд хатты суадзой. Бахыгъд райсыны тыххæй та архайд хъуамæ уа æртæ минуты. Ахæм бæрæггæнæтæ къухы алы хатт нæ бафтынц, арæхдæр боныхъæды уавæрты тыххæй. Уымæ гæсгæ спортсментæ уæлдай æргом здахынц гæрзтæ æмбырд кæнынмæ. Бæрдын зилæгонимæ хæдтæхджыты тагъдад сахатмæ вæййы 100 километры. Авиамоделированийы ахуыргæнæг Мæрзойты Игорь сæрыстыр у йæ хъомылгæнинæгтæй. Куыд зæгъы афтæмæй, ахæм æмвæзадыл ерысты æртыккаг бынатæн стыр аргъ ис. Авиамоделированийæ Мæрзойты Игоры къорды сæмбырд кодтой модельты æппæт хуызтæ. Ам сывæллæттимæ архайынц фæлтæрдджын специалисттæ. Гæнæн ис, æмæ ацы хъæдын планертæй искуы рауайдзæн згъæрæй конд егъау хæдтæхджытæ, кæцытæ уæлдæфон тыгъдады сæ гæнæнтæ æвдисдзысты.