Олимпаг хъæзтытæ æнæ Уæрæсейаг тырысайæ
Зымæгон Олимпаг хъæзтыты Уæрæсейаг спортсментæн сæ бæстæйы тырысаимæ рацæуыны бар нæй. Дунеон Олимпаг комитеты уынаффæмæ гæсгæ хъуамæ ерыс кæной сæ организацийы символимæ. Ахæм цау Олимпаг хъæзтыты историйы нæма уыд. Бирæ спортсментæ дæр йæ ныхмæ сты. Олимпаг комитеты уынаффæ Цæгат Ирыстоны цæрджыты, спортсменты æмæ сæ тренерты зæрдæмæ дæр нæ цæуы.Уæвгæ, нæ республикæйы фидар спортивон традицитæ ис, ардыгæй рацыд 20 Олимпаг чемпионы. Фæсивæд сæ фæзмынц æмæ сæ бирæтæ ныридæгæн дæр сты алыхуызон къæпхæнты ерысты уæлахиздзаутæ. Алчидæр сæ тырны Олимпаг хъæзтыты сызгъæрин майдан рамбулын. Фæлæ фæстаг азты допингты тыххæй цы дызæрдыггаг уавæр сывзæры, бирæ спортсментæн сæ майдантæ кæй байстой, уый сæ сагъæсы æфтауы. Таймазты Артур - Паддзахадон Думæйы депутат, Олимпаг хъæзтыты 3 хатты чемпион: " Æппæтдунеон Олимпаг комитет мæ хъуыдымæ гæсгæ раст нæу. Уæрæсейаг спортсментæм цы цæстæнгас ис, семæ сæхи куыд дарынц, куыд сæ æфхæрынц - уый хъуамæ ма уа. Олимпаг бæрзæндтæм цуæгæйæ, спортсмен цы зындзинæдты сæрты ахизы, куыд тренировкæтæ кæны æмæ цас фыдæбон кæны, уый сæхи æмæ сæ тренертæ йеддæмæ ничи зоны. Цыппар азы алы спортсмен дæр фæбæллы Олимпаг хъæзтытæм, алыхуызон æвзарæн кæпæхæнты æмæ ерысты архайы тыхджндæр æмæ хуыздæр уæвыныл. Олимпаг комитет æрæджы цы уынаффæ рахаста, Уæрæсейы командæ ерыстæм ма руадзыны тыххæй - уый та бынтон диссаг у. Уымæ гæсгæ бирæ спортсментæ рацæудзысты нæ бæстæйы нæ, фæлæ Олимпаг тырысайы бын. Хъыг у, фæлæ сыл макæй зæрдæ фæхудæд. Олимпаг майдан рамбулын у цыфæнды спортсмены бæллиц. Уæддæр ерыс кæндзысты æмæ хъахъхъндзысты Уæрæсейы, стæй Цæгат Ирыстоны спортивон кад". _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv