Лилия Колдышева айста президентон преми музыкалон аивады къабазы
Ноджы ма домрæтæ, балалайкæтæ æмæ баянтæ. Дирижер Лилия Колдышевайы разамындæй студенттæ цæттæ кæнынц Пушкины музыкалон-литературон композици "Метель"-ы равдыстмæ. Кæддæр фæсивæды бынаты уыд сæ ахуыргæнæг йæхæдæг дæр. Оркестры кæддæриддæр ахста раззагдæр бынат. Ацы уроктæ йæ зæрдæмæ цыдысты уæлдай тынг. Адæмон инструментты хайадмæ ахуыр кæнынмæ бацыд йæ мад æй нæ зыдта, афтæмæй. Гыццылæй фæстæмæ музыкæйы зæлтæ йæ зæрдæмæ уыдысты хæстæгдæр дохтыры дæсныйадæй. Абон йæ стаж у 40 азы. Гергиты Валерийы номыл музыкалон колледжмæ ссыд Астраханы паддзахадон филармонийы фæстæ. Йæ равзæрд дæсныйадыл дызæрдыг нæ кодта. Ахсджиагдæр ын у йæ зæрдæйæн хæстæг куыст кæнын. Фæлæ уæддæр мад йæ чызджы иу концерт дæр нæ ауагъта. Уый та Лилияйæн алкæд дæр тынг ахсджиаг уыд — концерты рæстæг залы йæ мады цæсгом уынын. Фæстæдæр йæ курдиат парахат кæнын райдыдта. Ахсджиагдæр та йын уыд йæ студентты æнтыстдзинæдтæ æмæ дæсныдзиад. Музыкæйæ уæлдай ма, Лилия гыццылæй архайдта балетæй. 11 азы йыл куы цыд, уæд Дзæуджыхъæумæ ссыдысты Вагановайы номыл училищæмæ кафджыты исынмæ. Фæлæ Санкт-Петербургмæ чызджы нæ ауагътой. Уæдæй фæстæмæ музыкæ сси йæ царды нысан. Ныридæгæн йæ ахуыргæнинæгтæн у куыд разамонæг, афтæ хæлар дæр. Йæ уарзондæр здæхт — баян æмæ аккардеонæй фæстæмæ, Лилия амоны аркестрон дирижировани æмæ сæрмагонд предметтæ. Йæ куысты бон райдайы 8 сахатыл райсомæй. Æрвылбон дæр 12 сахаты бæрц студенттимæ. Кæд бафæллайы, уæддæр йæ куыстæй исы æхцондзинад. Хаматы Сослан Лилиямæ ахуыр кæны ныр æртыккаг аз. Коллективон уроктæй уæлдай цæуы индивидулонтæм дæр — баянистты триомæ. Æмбаргæ, йæ куыст хорз чи зоны, ахæмæй зонынц студенттæ сæ ахуыргæнæджы. Лилия сæтты, йæхæдæг дæр фæсивæдимæ дарддæр ахуыр кæй кæны. Йæ раздæры студент Тедеты Азæмæт — уæрæсейаг æмæ æппæтадæмон конкурсты уæлахиздзау. Ныридæгæн ахуыр кæны Гнесинты номыл музыкæйы академийы. Ацы аз Лилия Колдышева райста президентон преми — милуан сомы. Банымадтой йæ бæстæйы музыкалон аивады къабазы хуыздæр ахуыргæнджытæй иуыл. Ахæм æнтыстдзинæдтæ сылгоймаджы кæнынц æрмæст разæнгард.