Æгъдау – нæ фидæны бындур. Кучиты Руслан
Цыфæнды хъуыддаг дæр, цыфæнды архайд дæр царды мидæг æнгом баст у нæ ирон æгъдæуттимæ. Фыдæлтæй нын цы рæсугъд æгъдæуттæ бæззад, уыдон фидæны фæлтæртæм фæхæццæ кæныны хæс хауы нæ абоны дзырдзæугæдæр æмæ курыхондæр хистæртæм. Уыдонæй иу у нæ равдысты уазæг "Аланты Ныхас"-ы сæрдары хæдивæг Кучиты Руслан. Абон йемæ ныхас кæнæм, уæлдай ахсджиаг цæмæн у нæ ирон æгъдæутæ бахъхъхъæныны фарста, стæй цы мадзæлттæ сæразын хъæуы, цæмæй сæм фæсивæд æмхиц кæной.